Къаппа-къуппаты сабитæн. Царды тыххæй. Царды хæзнаты тыххæй. Æмæ, æнæмæнг, Дымгæйы тыххæй

Къаппа-къуппаты сабитæн. Царды тыххæй. Царды хæзнаты тыххæй. Æмæ, æнæмæнг, Дымгæйы тыххæй
О книге

Уæ размæ зæрдæхæлар æмæ зæрдæагайæг æмбисонд ныййарджыты тыхджын уарзондзинады, райгуырæн хъарм къонайы, бинонты хæзнаты æмæ зын равзæрсты тыххæй. Зæрдиаг æнкъарæнты тыххæй, кæцытæ алкæмæндæр сты зонгæ. Зонынджын радзырд æцæг царды æмæ Хъысмæты дымгæйы тыххæй.

Читать Къаппа-къуппаты сабитæн. Царды тыххæй. Царды хæзнаты тыххæй. Æмæ, æнæмæнг, Дымгæйы тыххæй онлайн беплатно


Шрифт
Интервал

Перевод книги «Детям одуванчиков» (автор Дика Кара) с русского на осетинский язык


Переводчик Марина Ботоева


© Дика Кара, 2021

© Марина Ботоева, перевод, 2021


ISBN 978-5-0055-6655-3

Создано в интеллектуальной издательской системе Ridero

Æризæр.

Æнæбафиппайгæйæ изæры сатæг баивта боны æнтæф. Кæдæй-уæдæй цардæгастæ рогæй сулæфыдысты.

Зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ сæхи фынæй кæнынмæ цæттæ кодтой. Цæрдæг сасчытæ афардæг сты изæрыгон тезгъомæ.

Афтæмæй, зæронд къаппа-къуппа сфæнд кодта фынæйы размæ аныхас кæнын йæ гыццыл къаппа-къуппатимæ.

Рагон къаппа-къуппатæ афтæ дзырдтой, цардæн, дам, йæ сæйрагдæр хæзнатæ сты: хи барæвзар скæнын æмæ æнтыстджын Дымгæйы здæхт. Нæ уын зæгъын, уыдон иууылдæр сты дзырдæй. Сæйрагдæр хæзна у-дæ фарсмæ цы ныййарæджы сыф зайы, уый.

Гыццыл къаппа-къуппатæ дисгæнгæ сæ кæрæдзимæ æрбакастысты.

– Баба, æмæ ныййарæджы сыф цæмæ у хæзна? – бафарста иу саби.

– Ницы кæны. Æрцæудзæн уыцы рæстæг æмæ алцыдæр уæхæдæг бамбардзыстут! – бахъуырхъуыр кодта баба. «Гъе, раджы ма сын у, нæ ма рахъомыл сты», – йæхимидæг ахъуыды кодта баба æмæ хъæрæй загъта:

«Ныххуыссут! Æнафон у».

Бабайы ныхæстæ гыццыл къаппа-къуппайы сæрæй нæ цыдысты æмæ йæ бон нæ уыди бафынæй кæнын.

– Баба, радзур-ма, цæй-ма радзур-ма, цæуыл ныхас кодтай? Уый цы нысан кæны? Цæй ма, цы дын уыдзæн? Бамбарын ма мын кæн дæ хъуыды.

– Зонынджынæй… æви æдылыдзинадæй… – загъта зынрахатæн хуызы баба æхгæд цæстытæй.

– Радзурдзынæ? – афарста та йæ саби къаппа-къуппа.

– Уæдæ, байхъус, – йæ ком айвæзта баба æмæ сабыргай йæ радзырд райдыдта.

Рæсугъд къуылдымы цардысты къаппа-къуппатæ. Ацы зæрдæхæлар зайæгойтæ уыдысты сыгъдæг уæлдæфæй æмæ Хуры æнæкæрон мадæлон рæвдыдæй буцхаст.

Раст ма кæрдæджы мæйы, фыццаг мит куы атад, саби къаппа-къуппатæ рухсмæ сæхи айвæзтой æмæ ныр цардысты иттæг æхсызгонæй. Сырдтæ, мæргътæ æмæ бæлццæттæ сæ мондæгтæ сæ истой. Уыдон сæхи ивæзтой Хурмæ, лæвар кодтой сæ рухс мидбылхудт се’ппæтæн æмæ цин кодтой алы ног бонæн.

Алы райсом иу, фыццаг Хуры тынтимæ гыццыл къапа-къуппатæ райхъал-иу сты адджын фынты фæстæ, сæхи иу айвæзтой æмæ-иу скодтой сæ ирд бур худтæ. Хурныгуылды та, фынæйы размæ, гыццыл къаппа-къуппатæ се’ппæты зайæгойтæн æмæ цæрæгойтæн зæрдиагæй дзырдтой, цæмæй се’хсæв уа хъарм, сабыр æмæ адджын фынтæ куыд уыной.

Афтæ бонтæ кæрæдзийы ивгæйæ цыдысты.

Сатæг кæрдæджы мæйы фæстæ ралæууыд хуымгæнæны мæйы хъарм. Саби къаппа-къуппатæ рахъомыл сты: кодтой куырыхон ныхæстæ, скодтой бинонтæ æмæ хъуыды кодтой гыццыл сабитыл. Кæхцгæнæны мæйы æнтæфæй нæма бафсæстысты хъомыл къаппа-къуппатæ, фаг нæма фæцин кодтой ныййарджытæ кæй систы уымæй, афтæ æрцыд сусæны мæй æмæ йемæ къуылдыммæ æрхаста сусæны мæйы æнтæф.



Вам будет интересно